"Стыр бузныг уын нæ сабитæм хъусдарды тыххæй": президент раарфæ кодта ахуыргæнджытæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта ахуыргæнджытæ æмæ педагогон фæллойады ветерантæн сæ бæрæгбоны фæдыл. Президент йæ арфæйы банысан кодта, ахуыргæнæг кæй у иууыл зындæр æмæ уæздандæр професситæй иу.
"Уæ адæймаджы æмæ профессионалон миниуджытыл баст у рæзгæ фæлтæры хъомылад – нæ бæстæйы фидæн", - дзырдæуы арфæйы телы.
Гаглойты Алан бахахх кодта, ахуыргæнджытæ кæй кæнынц ахуырдзауты зонындзинæдты бæрзæндтæм, амонынц сын, цæмæй уой æгъдауджын æмæ фæлмæнзæрдæ.
"Стыр бузныг уын уæ удуæлдай куыст æмæ нæ сывæллæттæм хъусдарды тыххæй", - бахахх кодта паддзахады сæргълæууæг.
Гаглойты Алан фидарæй загъта, ахуыргæнджытæ дарддæр аккагæй кæй æххæст кæндзысты сæ ахсджиаг мисси.