Æгъдауы таурæгътæ. Буры фырт Мæхæмæты зарæг

Sputnik
Буры фырт Мæхæмæт Хуыцауæн уарзон уыди, æмæ йын Хуыцау загъта: — Дæуæн бар ис афæдзæй-афæдзмæ æртæ хатты мæ фынгыл. — Мæхæмæт дæр æм цыди, Уастырджи йемæ, афтæмæй.
Уастырджийæн Сайнæджы чызг кæд уыд йæ лымæн, æмæ Мæхæмæтæн загъта: — Куы рацæуай, æмæ æз фæстейæ куы баззайон, уæд-иу мæм уым фæлæуу. Кæд æз раздæр ссæуон, уæд æз дæр нæ ацæудзынæн æнæ дæу. — Рараст сты æмæ алчи йæ хæдзармæ фæцыди.
Иу бон куы уыди, уæд æрцыди Мæхæмæтæн йæ рæстæг, æмæ араст и Хуыцаумæ. Иу даргъ быдырмæ бацыди.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.