Донецкаг адæмон республикæйы ссæрибар кодтой ноджы дыууæ цæрæн пункты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik. Цæдисон тыхтæ ссæрибар кодтой Отрадовка æмæ Веселая Долина Артемовскы здæхтыл, фехъусын кодтой майрæмбоны Донецкаг адæмон республикæйы (ДАР) территориалон хъахъхъæнынады штабы.
"2022 азы 7 октябры уавæрмæ гæсгæ Донецкаг адæмон республикæйы территорийыл ДАР æмæ ЛАР æфсæдтæ Уæрæсейы Гарзджын тыхты æххуысæй ссæрибар кодтой Отрадовка, Веселая Долина æмæ Зайцево", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уый размæ цыппæрæмы УФ Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, цæдисон тыхтæ кæй ссæрибар кодтой Зайцево хъæу ДАР-ы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.