Хуссар Иры Гарзджын тыхты дӕлхайӕдты кусджыты ахуыр кӕнынц ӕфсӕддон топографийыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады сӕрмагонд нысаниуӕгджын батальоны хисӕрмагонд сконд цӕуынц ахуыртӕ ӕфсӕддон топографийӕ, хъусын кӕны майрӕмбоны уагдоны пресс-службӕ.
Ахуырты фыццаг этапыл дӕлхайады ӕфсӕддонтӕ фӕцайдагъ уыдзысты ӕмӕ бафидар кӕндзысты теоретикон зонындзинӕдтӕ топографион картӕ фӕрсынӕй, бынаты тактикон ӕууӕлтӕ ахуыр кӕнынӕй, координаттӕ сбӕрӕг кӕнынӕй, цӕлхдуртӕ аиуварс кӕнынӕй ӕмӕ ӕнд.
"Радон этапы фӕлгӕтты та ахуыр кӕндзысты картӕйы фӕрцы ориентировкӕ кӕнын быдырон уавӕрты. Ӕфсӕддонтӕ хъуамӕ иттӕг хорз базоной бынат сахуыр кӕныны алыгъуызон фӕрӕзтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны ма бахахх кодтой, зӕгъгӕ, ӕфсӕддон топографийы фӕдыл зонындзинӕдтӕ ӕмӕ арӕхстдзинады комплекс кӕй фӕахъаз уыдзӕн ахуырадон ӕмӕ хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ гъӕдджынӕй ӕххӕст кӕнынӕн.