Цардис мæгуыр лæг йæ фыртимæ. Иу бон мæгуыр лæг йæ фыртмæ фæдзырдта æмæ йын афтæ зæгъы:
Цалынмæ ма удæгас дæн, уæдмæ фæцу мæ рагон хæлармæ æмæ дзы мæ хæс дæр æрхæсс. Дæ фæндаг дард уыдзæн, æмæ дын фæдзæхсын: фæндагыл уа, бынаты, уæддæр кæрдзын иунæгæй макуы бахæр.
Сцæттæ кодтой лæппуйæн фæндаггаг, æмæ ацыд балцы, уæдæ цы уыдаид. Цас фæцыдаид, чи йæ зоны, фæлæ бахæццæ иу суадонмæ.
Суадоны цур бады иу зæронд лæг, хæринаг æм ницы, йæ фæллад уадзы. Мæгуыр лæджы фырт систа йæ фæндаггаг æмæ дзуры зæронд лæгмæ:
Барвæсс, зæронд лæг, мæ хус къæбæрыл, цæхджын хойраг адæмæн æмхуызон у.
Зæронд лæг арфæ ракодта лæппуйæн, æмæ бахордтой аходæн. Цæуынтæ райдыдтой æмæ изæры бахæццæ сты, лæппу цы хъæумæ цыди, уырдæм. Зæронд лæг хъæугæрон фæдæлдзæх ис, æмæ лæппу иунæгæй бацыд йæ фысымтæм.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.