ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. УФ Хъахъхъæнынады министрад равдыста украинæйаг бронетехникæйы ныддæрæны кадртæ.
"Цыд танкон размæбырст. Æз слæууыдтæн мæ позицийыл æмæ танкты ныхмæ хæцæнгарз "корнет"-æй фехстон знаджы танк. Дырыс нымæц мæ бон зæгъын нæу, фæлæ знагмæ уыд бирæнымæц техникæ, кæцы мах æрурæдтам", - радзырдта танкты ныхмæ хæцæнгарзы оператор Евгений.
Артиллери æмæ танкты ныхмæ ракетæтæй цæфы фæстиуæгæн скуынæг кодтой æхсæз танчы æмæ æндæр бронетехникæйы 10 иуæджы, сæ нымæцы фæсарæйнæгтæ дæр.