ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу бабæрæг кодта мобилизацигонд адæмы цæттæкæнынады цыд Ныгуылæйнаг æфсæддон зылды полигонтыл, хъусын кæны РИА Новости.
"Сергей Шойгу басгæрста ахуыртæ фæстауæрцон æфсæддонты тактикон æмæ æхстон цæттæдзинады фæдыл, кæцытæ хъуамæ æххæст кæной сæ хæслæвæрдтæ уæрæсейаг гарзджын тыхты æфсæддон дæлхайæдты сконды", - дзырдæуы хъусинаджы.
Министр радта хæслæвæрдтæ алкæцы æфсæддон-хыгъдон дæсниæдты фæдыл дæр тактикон ахуыртæ интенсивондæрæй уадзын æхсæвыгæтты.
Хъусинагæй куыд бæрæг у, афтæмæй хъахъхъæнынады министр уæлдай хъусдард аздæхта мобилизацигонд æфсæддонты тактикон цæттæдзинады æмвæзадмæ.