Цæгат Иры фæдзæхсынц тæрккъæвдатæ æмæ тыхдымгæйæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 окт - Sputnik. Тæрккъæвдатæ æмæ тыхдымгæ æнхъæлмæ кæцынц Цæгат Ирыстонмæ æввахс суткæйы дæргъы, хъусын кæны гидрометеорологийы Цæгат-Кавказаг управленийы пресс-службæ.

"11 октябры ранæй рæтты Кæсæг-Балкарийы æмæ Цæгат Ирыстоны уыдзæн тæрккъæвдатæ æмæ тыхдымгæ, йæ тагъдад хæццæ кæндзæн 20-25 м/с", - дзырдæуы хъусинаджы.

Уымæй дарддæр ма синоптиктæ рагхыгъд кæнынц республикæйы хæххон бынæтты чысыл цъыфы зæйты рацыд.
УФ УУМ бафæдзæхстой, зæгъгæ, æвзæр боныгъæдтæ дыццæджы гæнæн ис æмæ фæкъуыхцы кæной цæрджыты цардифтонгадон системæты æмæ транспорты æппæт хуызты куыст.