Теркæй Туркмæ

26. I. СУСÆГ БАЛЦЫ ХÆД РАЗМÆ. II. ÆДЗÆРÆГ РАНЫ БÆЛЦЦОНЫ ХЪÆРАХСТ

Sputnik
Уынгтæ адæмæй байдзаг сты. Бæхджын хъазахъхъæгтæ сæ тыхæй урæдтой. Ахстытæн сæ разæй фæцæйцыд Муссæ бæгъæмсар æмæ ронбæгъдæй. Уый фæдыл та Бæтæхъоитæ цыдысты, сæ развæндагмæ æнкъардæй кæсгæйæ. Муссæ фæстæмæ иу каст фæкодта æмæ, инæлар Тумановы къухы йе ’хсаргард куы ауыдта, уæд йæ сæры иу хъуыды ферттывта: "Гъæтт, дæуæн дæ мукъутæ ныххаф!"
Кæмттæй горæтмæ талынг милтæ æрбацæйхъуызыдысты. Муссæ йæ фæдыл цæуæг хъахъхъæнджыты бæхты цæфхæдты къупп-къуппимæ самыдта йæ хъуыддæгтæ: мыййаг хъазахъхъ адæмы æгæр куы бафхæрой, æмæ йæ ном æлгъыстаг куы фæуа! Йæ хъустæ уыцы цъæхснаг æхситт ныккодтой, цыма йæм исчи тавиц хаста: "Дæ аххос у! Дæ аххос у!"
Йæ хъустæ аууæрста æмæ, Бæтæхъойы ихсыд цухъхъамæ æдзынæг кæсгæйæ, йæхи рæстытæ кæныныл схæцыд: хорз, дæ дзырд фæуæд, фæлæ цы фиу стыхтаиккам нæ тохæй! Скъуыдкъох мæ мыггаджы фаг куы уыд, уæд ма цы мæ уæлфад гал лæууыд, цæмæн бацагуырдтон ацы фæндаг, уымæй мæ цæмæннæ фæрсыс?.. Дæ цахъхъæнæй мæнмæ дæр дуне дзæнæты хуызæн кастис, адæм та — зæдты хуызæн. Зæдты нæ, Нарты Батрадзы хуызæттæ!
Æз дæр дæ цæстæй кастæн знон цардмæ. Æмæ дæм сиды, йæ хотых йæхи къухæй чи систа, бæхджынты разæй фистæгæй цы фондзæмæдыууиссæдзаздзыд Муссæ фæцæуы, уый. Æрхæц дæлæмæ уыцы æрвгъуыз хызыл, бакæс цаутæм Сырдоны цæстæй.
Сайæн гуккутæ сты Турчы Султан æмæ йæ дзæнæты бæстæ, стыр Уæрæсейы паддзах æмæ йæ хæрзиуджытæ дæр. Адæймаг кæдæм фæцæуа, уым скæнæн ис райгуырæн æмæ динæн. Цард йæ хуыз афтæ кæм аива, уым уæларвон Хуыцау æмæ райгуырæн бæстæ дæр ивынц. Дзурынц дын, Муссæ йæ райгуырæн бæстыл гадзрахатæй цæуы, адæмы йемæ сайы æмæ Турчы дыккаг Ирыстон саразынмæ хъавы, зæгъгæ? Уадз æмæ дзурæнт...
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".