Хуссар Иры столицӕйы асфальт уынгтыл бампъызтой уӕрмытӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цалцӕггӕнӕн-арӕзтадон дӕлхайад бамбӕрзта горӕты фӕндӕгтыл дзыхъхъытӕ.
Хуссар Иры столицӕйы асфальт уынгтыл бампъызтой уӕрмытӕ
Шофыртӕн цӕлхдуртӕ уыд Цхинвалы ӕппӕт сӕйраг уынгтыл. Уыдон ӕвзарын кодтой проблематӕ фӕндагон змӕлдӕн. Дзыхъхъытӕ ӕмбӕрзыны куыст сцайдагь ис дыууӕ мӕйы размӕ. Раздӕры проблемӕты тыххӕй ныр шофыртӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны мӕрдӕр асфальты хуыз.
"Цыдӕриддӕр уыд горӕты уынгтыл сраст кӕнинаг уыд, уый сӕххӕст кодтам. Ӕмткӕй бамбӕрзтам 400 квадратон метры онг фӕзуат",- загъта цалцӕггӕнӕн-арӕзтадон дӕлхайады хистӕр Гӕззаты Инал.
Уый ма бафиппайдта, уыдон сӕ куыст балхынцъ кодтой, фӕлӕ та горӕты кӕцыдӕр бынӕтты ногӕй скъахтой.
Хуссар Иры столицӕйы асфальт уынгтыл бампъызтой уӕрмытӕ