Уæрæсейы ФÆС аиуварс кодта теракттæ, кæцытæ цæттæ кодтой украинæйаг сæрмагонд службæтæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæ (ФÆС) не 'руагъта диверсион-террористон акттæ, кæцытæ цæттæ кодтой украинæйаг сæрмагонд службæтæ Мæскуыйы регионы, фыссы РИА Новости Уæрæсейы ФÆС-ыл æнцойгæнгæйæ.
"Аиуварс кодтой Украинæйы сæрмагонд службæты диверсион-террористон акттæ, кæцытæ хъуамæ сæххæст кодтаиккой иттæг дырыс хæцæнгарзы руаджы Мæскуыйы регионы. Æрурæдтой 1972 азы гуырд Украинæйы æмбæстаджы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Оперативон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Украинæйы Æдасдзинады службæйы хæслæвæрдмæ гæсгæ зæрдæхсайгæ Эстонийы уылты Киевæй йæ хæдтулгæйыл æрласта Уæрæсемæ ПЗРК "Игла" террористон акттæ цæттæ кæнынæн.
"Фигурант басаст йæ фыдракæндыл æмæ æмгуыстад кæны фæдагуырдимæ", - банысан кодтой уагдоны.
Уымæ ссардтой дыууæ ПЗРК "Игла" æмæ бастдзинады фæрæзтæ, кæцыты уылты уый контакт кодта Украинæйы Æдасдзинады службæйы кусджытимæ.