Цæдисон тыхтæ ссæрибар кодтой ноджы дыууæ цæрæн пункты Донецкаг адæмон республикæйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 окт – Sputnik. Донецкаг адæмон республикæйы территориалон хъахъхъæнынады штаб фехъусын кодта, цæдисон тыхтæ кæй ссæрибар кодтой ноджы дыууæ цæрæн пункты Артемовскы здæхтыл.
"2022 азы 13 октябры уавæрмæ гæсгæ, Донецкаг Адæмон Республикæйы территорийыл ДАР æмæ ЛАР æфсæдтæ Уæрæсейы Гарзджын тыхты æххуысæй ссæрибар кодтой Опытное æмæ Иванград", - бахахх кодтой штабы.
Ацы цæрæн пункттæ сты æхсæз километры дæрддзæф Артемовскæй.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.