Уæрæсейаг Белгороды Украинæйы æфсады фехсты фæстиуæгæн бахъыгдард хæдзар

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Белгороды мэр Антон Иванов фехъусын кодта, Украинæйы Гарзджын тыхты фехсты фæстиуæгæн кæй бахъыгдард бирæфатерон хæдзар, фыссы РИА Новости.
"Бахъыгдард хæдзар Губкины уынгыл. Ацыдтæн цауы бынатмæ. Службæтæ иууылдæр сты уым. Информаци уын дæтдзæн", - ныффыста мэр йæ Telegram-каналы.
Цыппæрæмы 12.25 сахатыл Белгороды центры айзæлд фыццаг срæмыгъд, 15 минуты дæргъы айзæлд ноджы авд срæмыгъды.