Цхинвалы ацӕудзӕн хӕрзаудӕн концерт низӕфхӕрд сывӕллӕтты ӕххуысӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ПККЗ "Чермен"-ы ацӕудзӕн Дзукъаты Ланӕйы хӕрзаудӕн концерт низӕфхӕрд сывӕллӕттӕн баххуысы охыл, фехъусын кодтой Sputnik культурӕйы министрады пресс-службӕйы.
Концерт ацӕудзӕн 26 октябры Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады ӕмархайдӕй.
"Концерты фӕрӕзтӕ ӕздӕхт ӕрцӕудзысты низӕфхӕрд сабиты хос кӕнынӕн. Зарӕггӕнӕгӕн йӕхицӕй дарддӕр ма концерты хайад исдзысты Лагкуты Спартак, Наниты Олана, Бететы Алим, Тыбылты Нана ӕмӕ Диана Козырева",- загътой уагдоны.
Дзукъаты Лана у цӕгаткавказаг канал "9 волна"-йы зарӕггӕнджытӕй иу .