ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Белгороды областы Украинæйы Гарзджын тыхты æхсты фæстиуæгæн спырх хæстæрмæджыты æфтауц, ис дзы зианбаййафджытæ. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости Фæдагуырды комитетыл æнцойгæнгæйæ.
"Белгороды областы Октябры поселочы Украинæйы Гарзджын тыхты фехсты фæстиуæгæн спырх хæстæрмæджыты æфтауц. Æрцыд сæ детонаци. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ис дзы фæмардуæвджытæ æмæ фæцæвуæвджытæ" – фехъусын кодтой уагдоны Telegram-каналы.
Афтæ ма уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой ракетæтæ Новоооскольскийы зылды. Сæ хæйттæ æрхаудтой æфсæнвæндаджы районы, уый фæстиуæгæн бахъыгдард сты электрохызæгтæ, поездты цыд рæстæгмæ æрурæдтой.
Бон раздæр Белгороды мэр Антон Иванов фехъусын кодта, Украинæйы æфсады фехсты фæстиуæгæн горæты кæй бахъыгдард бирæфатерон хæдзар.