Хъырымы хидыл бакодтой фæндагон змæлд автобустæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Уæрæсейы транспорты министрады фехъусын кодтой, Хъырымы хидыл кæй бакодтой фæндагон змæлд автобустæн.
"Хъырымы хидыл райдыдтой цæуын автобустæ. Уыдон цæуынц дыууæрдæм дæр райсомæй фæстæмæ. Раздæр та автобустæ æрвыст цыдысты паромон ахизæнмæ", - хъусын кæны РИА Новости УФ транспорты министрадыл æнцойгæнгæйæ.
Пассажиртæн хидыл гом у рог хæдтулгæтæ, автобустæ, поездтæ æмæ электричкæты змæлд дæр.
ФÆС фехъусын кодтой, Хъырымы хидыл теракты организатор у Украинæйы Хъахъхъæнынады министрады Разысгæрсты сæйраг дæлхайады разамонæг Кирилл Буданов, уагдоны кусджытæ æмæ агентурæ.
Хъырымы хидыл 8 октябры æрцыд уæзласæн хæдтулгæйы срæмыгъд, кæцыйы фæстиуæгæн ссыгъдысты авд æртаджы цистернæйы. Фехæлдысты автомобилон фæндаджы дыууæ фадыджы, фæлæ хиды бындуры аркæтæ нæ бахъыгдард сты. Цауы фæстиуæгæн амардысты цыппар адæймаджы, сæ нымæцы тæрхонгæнæг Мæскуыйæ.