Марат Павлов басгæрста Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады кусджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Марат Павлов басæрста æфсæддон дæлхайæдты, хъусын кæны дыццæджы уагдоны пресс-службæ.
Басгæрсты хайад истой Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты æнæхъæн сконд. Домæнтæм гæсгæ басгæрстæуыд æфсæддонты ифтонгдзинад дзауматæй, сæрмагонд æмæ индивидуалон фæрæзтæй, афтæ ма ауагътой хæцæнгразы басгæрст дæр. Офицертæ басгæрстой бæлвырдгæнæн æмæ штатон документтæ.
Хуссар Иры сæрмагонд нысаниуæджы батальон фылдæр кæны хæстон цæттæдзинады æмвæзад
Басгæрсты хатдзæгтæм гæсгæ, министр æвæрццаг аргъ скодта кусджытæн. Фæсчъылдымы службæйæн бахæс кодтой сифтонг кæнын æфсæддонты уæлæмхасæн индивидуалон хъахъхъæнынады фæрæзтæй æмæ æндæр мулкæй.
Абон ма Марат Павлов ауагъта хъахъхъæнынадон уагдоны офицертимæ рабадт, кæцыйы рæстæджы сдзуапп кодта фарстытыл, кæцытæ цымыдис кæнынц æфсæддонты: мыздты фæфылдæры этаптæ, Гарзджын тыхты нымæц фæфылдæр кæнын, сæрмагонд нысаниуæджы дæлхайæдты экипировкæ æмæ сæрмагонд мулкæй сифтонг кæнын.