УФ Фæдагуырды комитеты фехъусын кодтой Ейскы хæдтæхæджы æрхауды сæйраг аххосаг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 окт – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Фæдагуырды комитет фехъусын кодта Ейскы хæдтæхæджы æрхауды сæйраг аххосаг, уый уыд техникон фехæлд. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости.
Уæлвæткон цау æрцыд 17 октябры изæры. Уæрæсейаг æфсæддон хæдтæхæг Су-34 æрхауд цæрæн хæдзары кæрты Ейскы. Уый фæстæ райдыдта зынгсирвæзт дыууæ мин квадратон метры фæзуатыл бирæфатерон хæдзары фыццаг фондз уæладзыгыл.
Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уæлвæткон цауы фæстиуæгæн 13 адæймаджы амардысты, сæ нымæцы æртæ сабийы. Цæфтæ райстой 19 адæймаджы. Бинонтæн æххуыс кæнынц 40 психологы Краснодар æмæ Ейскæй.
Ейскы хæдзарыл хæдтæхæг Су-34 æрхауды фæстиуæгæн амæттæгты нымæц схызт 13 онг