Теркæй Туркмæ

31. VIII. СТАМБУЛ ЧИ НÆ ФЕДТА, УЫЙ НЫРМА НИЦЫ ФЕДТА

Sputnik
Чылауи бæлæстæй гæзæмæ зынд Алханты къæсы æндæрг. Фæздæгдзонæй фæздæг калд. Мидæмæ куы бацыдысты, уæд Темырболат йæ гæрзтæ Хазумæ радта æмæ Махмуды куырæты дысыл уæлæмæ схæцыд. Топпы нæмыг цонджы фæлмæны алиуырдта, рæмбыныкъæдзы дæлейæ туг лæсæн кодта:
— Махæн нæ фæндæгтæ ничиуал ахицæн кæндзæн, ме ’фсымæр! — загъта Темырболат.
— Дæ мад дæ хурæй бафсæдæд æмæ дын æнæуæрст адæмæй хорз амонд схай кæнæд Стыр Хуыцау, мæ хъæбул, — баузæлыд ыл Хазу.
Бæхтыл абадтысты. Урус-Мартанæй ахызтысты фондзæй: Махмуд, Темырболат, Юсуф, Джебраил æмæ Султи.
Зæронд нау æй фæуыгъта æмæ, иугæндзон каютæйы сынтæгыл уæлгоммæ хуысгæйæ, цармæ каст. Бацæуæны ацудасгъуыз дзæнхъа ранæй-рæтты фæмил ис. Муссæ æркаст чъизи тæппытæм æмæ йæ базыдта, уыдон кувджыты былты фæдтæ кæй уыдысты. Мæзджытæн йæ алыварс дæр дзæнхъадурæй астæрд нарæгвæндаг æртыхст.
Æгас пысылмон дунейы Хуыцауы хæс фидыны сахат уыд ныртæккæ. Муссæмæ кæй равдæлдаид! Сусæг минæвармæ Портайы "бæрзонд дуарыл" йæ сæрæй сæнцайыны фæнд нæ уыд. Раздæр уал Бадилаты кадджын Иналыхъы хъуамæ фена. Мæзджыты фаллаг фарсмæ ахызт. Зæронд Стамбулы уынг та йæ былтæ æрбассывта. Сусæг минæварыл цъиуызмæлæг нæ фембæлд. Алчидæр Аллахы нидæны ламаз кодта.
О Стамбул, æрвгъуыз мæзджыты æмæ митау урс азанхъæргæнæнты сахар. Дæу чи нæ федта, уый нырма никуы ницы федта!
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ".