ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин фехъусын кодта, Херсоны æмæ Запорожаг областты, Луганскы æмæ Донецкы адæмон республикæты кæй бакодтой æфсæддон уавæр. Ахæм скъуыддзаг паддзахады сæргълæууæг рахаста УФ Æдасдзинады Советы рабадтыл æртыццæджы.
"Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзæн, Донецкы Адæмон Республикæйы, Луганскы Адæмон Республикæйы, афтæ ма Херсоны æмæ Запорожаг областты Уæрæсейы скондмæ бахизыны размæ кæй уыд æфсæддон уавæр. Ныр хъæуы саразын ацы режим уæрæсейаг законады фæлгæтты дæр. Уый фæдыл æз бафыстон барамынд æфсæддон уавæр бакæныны фæдыл ацы цыппар субъекты. Уый уайтагъд æрвыст æрцæудзæн Федерацийы Советмæ", - загъта Владимир Путин.
Президент бафтыдта, зæгъгæ, ацы скъуыддзаджы тыххæй фехъусын кодтой УФ Паддзахадон думæйæн дæр.