Хуссар Иры сæрмагонд нысаниуæджы батальоны кусджытæн басгæрстой сæ фæразондзинад æмæ тых

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы батальоны æфсæддонтæ æнтыстджынæй радтой нормативтæ физикон цæттæдзинадæй. Уый тыххæй цыппæрæмы хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Дæлхайады хистæр офицер куыд банысан кодта, афтæмæй сæрмагонд нысаниуæджы батальоны кусджытæм ис фылдæр домæнтæ физикон цæттæдзинадæй.

"Ахуырадон æмæ ахуырадон-хæстон хæслæвæрдтæ æнтыстджынæй сæххæст кæнынæн хъæуынц сæрмагонд физикон бæрæггæнæнтæ, æмæ уыдон нæ хæстонтæ равдыстой контролон басгæрсты рæстæджы", - хъусын кæны йæ ныхæстæ пресс-службæ.

Нормативтæ дæттынц сæрдыгон периоды цæттæкæнынады хатдзæгон басгæрсты фæлгæтты Хъахъхъæнынады министрады ахуырадон центры базæйы Дзарцъемы.