Хуссар Иры хицауад сарæзта кадрон ивындзинæдтæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 окт – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауады рабадтыл майрæмбоны сарæзтæуыд кадрон ивындзинæдтæ.
Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæджы бынатæй ссæрибар кодтой Пухаты Дмитрийы. Ацы бынаты йæ раивта Зозиты Эдуард, кæцы уый размæ куыста бæрнон бынæтты республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фадыджы, афтæ ма куыста арæзтадон организациты.
Зозиты Эдуард
Абон ма хицауад снысан кодта Экономикон райрæзты министрады сæргълæууæджы ног хæдивæгæй Тъехты Альберты, кæцыйæн ис зонæдты кандидаты ном инженерон-техникон дисциплинæты къабазы æмæ куысты фæлтæрддзинад экономикон фадыджы.
Тъехты Альберт