Дыууæ сывæллоны амардысты зынгсирвæзты рæстæджы Цхинвалы хисæрмагонд хæдзары

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Дыууæ сывæллоны амардысты зынгсирвæзты рæстæджы Цхинвалы хисæрмагонд хæдзары, фехъусын кодтой Sputnik Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæйы.
Уагдоны радгæсон хайадмæ зынгсирвæзты фæдыл хъусинаг æрбацыд куъырисæры райсом 8.00 сахатыл.
"Цауы бынатмæ ацыдысты æхсæз зынгфæдисон къорды. Хæдзар фервæзын кæнын нæ бантыст, уый æнæхъæнæй басыгъд. Дыууæ сывæллоны амардысты", - загътой уагдоны.
Информаци æндæр зианбаййафджытæ æмæ зынгсирвæзты аххосæгты фæдыл нырма бæрæг цæуы.
Зынгсирвæзт Цхинвалы хисæрмагонд хæдзары