Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады офицертæ равдыстой сæ курдиат æхсынæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады фæткдаруаты органты æмæ æфсæддон дæллхайæдты офицертæ, афтæ ма сæрмагонд нысаниуæджы батальоны æфсæддонтæ равдыстой сæ курдиат æхсынæй, хъусын кæны къуырисæры хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
Ахуыртæ уагъд цæуынц хъахъхъæнынадон уагдоны æфсæддон полигоныл 2022 ахуырадон азы хатдзæгон басгæрсты фæлгæтты. Офицертæ сæххæст кодтой контролон æхстыты фæлварæн.
"Æхстыты рæстæджы æфсæддонтæ сбæрæг кæнынц нысанмæ дистанци, æхсынц æмбæхст бынæттæй цъус рæстæджы уавæрты", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, æфсæддонтæ сæххæст кодтой контролон æхстытæ æвæрццаг нысæнттыл.
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады офицертæ равдыстой сæ курдиат æхсынæй