ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, кæй æрыппæрстой залпон æхсты реактивон системæтæ HIMARS æмæ "Ольха"-йы 21 сармадзаны сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы.
"Уæлдæфы скуынæг кодтой залпон æхсты реактивон системæтæ HIMARS æмæ "Ольха"-йы 21 сармадзаны Луганскы адæмон республикæйы Лисичанск цæрæн пункт æмæ Херсоны областы Новая Каховкайы районты", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрыппæрстой æртæ æнæпилотон тæхæг аппараты. Харьковы областы Двуречная цæрæн пункты районы скуынæг кодтой хæстæрмæджыты æфтауц.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 325 хӕдтӕхӕджы, 162 вертолеты, 2326 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 383 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 6020 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 874 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3521 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 6741 иуӕджы.