Хуссар Иры хъæдты фыццаг хатт ныссадздзысты сыбыраг кедры талатæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны хъæды фонд фыццаг хатт баххæст кæндзысты сыбыраг кедры æвзонг бæлæстæй, кæцытæ экологион организаци "Зеленая Алания" радта республикæйы хъæды хæдзарады дæлхайадæн, фехъусын кодта Sputnik уагдоны разамонæг Чилæхсаты Таймураз.
"Махæн радтой сыбыраг кедр, сыфнæзы æмæ цъуйы 600 талайы. Мах сæ нывæндæм ныссадзын Дзауы районы", - загъта уый.
Чилæхсаты Таймуразы ныфс ис, талатæ æнтыстджынæй кæй баххæст кæндзысты республикæйы хъæды фонд.
"Сыфнæзы махмæ арæх не ‘мбæлд. Хъуыды кæнын æрмæст иу бæлас Дзауы хъæды хæдзарады бæстыхайы раз, уый афæлдæхта дымгæ. Сыбыраг кедр та фыццаг хатт нысссадздзыстæм нæ хъæдты. Цъуйы хорздзинæдты тыххæй та алчидæр зоны", - радзырдта хъæды хæдзарады сæргълæууæг.
Хуссар Иры хъæдты фыццаг хатт ныссадздзысты сыбыраг кедры талатæ
Уый размæ хъæды хæдзарады кусджытæ нызаказ кодтой сæ уæрæсейаг коллегæтæй хъырымаг нæзыбæласы 4500 талайы, дæлхайады кусджытæ сæ ныридæгæн райдыдтой садзын.
"Æвзонг нæзыбæлæстæ мах садзæм паддзахадон ансамбль "Симд"-ы бæстыхайы раз, Цхинвалы районы Къуернеты хъæуы æмæ Цхинвал – Ленингор автотрассæйыл", - банысан кодта Чилæхсаты Таймураз.