Коцты Сергей радзырдта паддзахадон ансамбль "Симд"-ы æввахсдæр нывæзтытыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik. Галаты Борисы номыл паддзахадон кафт æмæ зарды ансамбль "Симд" ауадздзæн радон концерт Цхинвалы, уый фæстæ ацæудзæн гастрольты Краснодармæ. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта ансамблы сфæлдыстадон разамонæг Коцты Сергей.
"Краснодармæ мах ацæудзыстæм концертон программæйы фæлгæтты, кæцы сорганизаци кодта "Росконцерт". Ацы программæйы фæлгæтты махмæ республикæмæ æрæджы æрцыд дагестайнаг ансамбль "Лезгинка". Мах та ацæудзыстæм Краснодармæ, цы ран ралæудзыстæм Краснодары филармонийы", - загъта уый.
Коцты Сергей банысан кодта, ансамбль æххæст бæрцæй кæй цæттæ кæны гастрольтæм.
Коцты Сергей
Йæ ныхæстæм гæсгæ, программæмæ, кæцыимæ ансамбль ралæудзæн Краснодары, бацæудзысты куыд ирон, афтæ кавказаг номыртæ дæр.
"Мах ма фæнды равдисын краснодараг кæсæджы номыр "Калинка-Лезгинка", кæцы мах æрæджы æвдыстам Михаил Годенкойы номыл Сыбыры кафты ансамблимæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алцыдæр рацыд æнтыстджын. Ныфс мæ ис, Краснодраы кæсæджы зæрдæмæ дæр кæй фæцæудзæн", - банысан кодта "Симд"-ы разамонæг.
Коцты Сергей бахахх кодта, Краснодармæ ацæуыны размæ ансамбль ауадздзæн радон концерт Цхинвалы.
"Дырыс датæ мах нырма не снысан кодтам. Æвæццæгæн, концерт ацæудзæн ноябры райдайæны, Уæрæсемæ нæ балцæй къуыри раздæр", - загъта уый.