Уӕрӕсейы 11 аэропорты адарддӕр кодтой атахтытыл арӕнӕвӕрдты режим

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik. Росавиацийы фехъусын кодтой, кæй адарддæр кодтой арæнæвæрдтæ 11 уæрæсейаг аэропортмæ атахтытыл 3 ноябры онг.
"Атахтытыл арӕнӕвӕрдты режим Уӕрӕсейы хуссар ӕмӕ централон хӕйтты 11 аэропорты адарддӕр уыдзӕн 3 ноябры онг", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Рӕстӕгмӕ арӕнӕвӕрдтӕ ӕххӕссынц Анапӕ, Белгород, Брянск, Воронеж, Геленджик, Краснодар, Курск, Липецк, Ростов-на-Дону, Симферополь ӕмӕ Элистайы аэропорттӕм батахтытыл
Аэропорттӕм атахтытыл арӕнӕвӕрдтӕ бакодтой 24 февралӕй фӕстӕмӕ.