Хуссар Иры ПАИ бамбарын кодтой системæ "Æдас горæт"-ы лыстæгдзинæдтæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 окт – Sputnik. Системæ "Æдас горæт"-ы ныртæккæ ис фæндагон змæлды фæткхæлдтæ бæрæг кæнæн 30 аппаратон-программон фото æмæ видео комплексы, уыдонæй 16 – барынц транспортон фæрæзы змæлды тагъдад. Уый тыххæй цыппæрæмы хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Фæндæгты фадгуытыл, цы ран транспортон фæрæзы змæлды тагъдад хъуамæ уа 60 км/ч, комплекстæ арæзт сты транспортон фæрæзы автоматикон фиксацийыл, кæцытæн цæуынц 73 км/ч æмæ фылдæр тагъдадыл. Кæд æмæ хæдтулгæ цæуы 72 км/ч онг тагъдадыл, уæд ацы транспортон фæрæзы хицауы нæ æрбаздахдзысты административон бæрндзинадмæ тагъдадады режим фехалыны тыххæй", - хъусын кæны пресс-службæ Паддзахадон автоинспекцийы административон фæткхæлдты автоматизацигонд фиксацийы дæлхайады хистæр Бабайты Михаил.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, транспортон фæрæзы тагъдады режим 10-20 км/ч куы фехалой, уæд фæткхалæгмæ æнхъæлмæ кæсы фæдзæхст кæнæ административон ивар.