Хъæуы агурын таланттæ: Харебаты Вадим радзырдта вокалон проект "Зарæг"-ыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 окт – Sputnik. Вокалон проект "Зарæг"-ы ахуыргæнджыты хæслæвæрд у æвзарын зарджытæ хайадисджытæн, ахуыр сæ кæнын артистизм æмæ вокалон аивад. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны адæмон артист Харебаты Вадим.
"Конкурсы хайад райсыны фадат ис 9-æй 17 азмæ кары сывæллæттæн. Махæн уый у пилотон проект, мах ныридæгæн райдыдтам æвзарын курдиатджындæр сывæллæтты. Конкурсы финал ацæудзæн декабры Паддзахадон драмон театры бæстыхайы. Уæлахиздзауы сбæрæг кæндзысты кæсджыты хъæлæскæнынады руаджы", - загъта адæмон артист.
Харебаты Вадим
Харебаты Вадим бахахх кодта, проекты кæй ис цыппар этапы.
"Фыццаг этапы, кæцы цыд цыппар къуырийы дæргъы, жюрийы æртæ уæнджы равзæрстой сæ командæтæм фæйнæ 12 адæймаджы. Ныр та нæм цæуы дыккаг этап: мах адих кодтам проекты хайадисджыты фæйнæ æртæ адæймагыл, уыдонæй фæйнæ иу æххæстгæнæджы рахаудзысты конкурсæй. Æртыккаг этапы хатдзæгтæм гæсгæ та жюри равзардзæн æххæстгæнджыты, кæцытæ ахиздзысты финалмæ", - загъта уый.
Харебаты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, жюрийы сконды йæхицæй дарддæр ис Æлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны директор æмæ эстрадон дæлхайады хистæр Гæджиты Жанна æмæ Гатыгкоты Нина. Харебаты Вадим ма бафтыдта, зæгъгæ, проект "Зарæг" хиздзæн эфиры ПТРК "Ир"-ы æрвыл майрæмбон 21.00 сахатыл.