ЦХИНВАЛ, 27 окт - Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин радта уынаффæ европæйæгтæ æмæ америкæйæгтæн, цæмæй тох кæной мыздты фæфылдæрыл æмæ сæ ма уырна, Уæрæсе кæй у знаг.
"Америкæйы иугонд штаттæ æмæ Европæйы хуымæтæг цæрджытæн мæ фæнды зæгъын, сæйраджыдæр: тох кæнут мыздты фæфылдæрыл. Уый фыццаг. Дыккаг та – ма уæ уырнæт, Уæрæсе кæй у уе 'знаг кæнæ ныхмæлæууæг", - загъта Владимир Путин Æхсæнадæмон дискуссион клуб "Валдай"-ы пленарон сессийыл.
Уæрæсейы президент Владимир Путин хайад райста Æхсæнадæмон дискуссион клуб "Валдай"-ы пленарон сессийы. Паддзахады сæргълæууæг ралæууыд егъау раныхасимæ.