Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Цоциты Аланæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 окт – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæзбон загътой номдзыд политикон æмæ паддзахадон архайæг, историон зонæдты доктор, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады бындурæвæрджытæй иу, националон змæлд "Адæмон Ныхас"-ы лидер, Хуссар Ирыстоны тырысайы аразæг, Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сæрдары хæдивæг Цоциты Аланæн.
Сæдæгай адæм æрæмбырд сты столицæйы Театралон фæзуатыл, цæмæй скад кæной номдзыд политикæн æмæ тæфæрфæс ракæной Цоциты Аланы бинонтæн. Церемони йæхæдæг ацыд Паддзахадон драмон театры бæстыхайы.
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Цоциты Аланæн
Граждайнаг панихидæмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгады минæвæрттæ президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, афтæ ма Хуссар Ирыстоны депутаттæ.
Фыццаг æрсидты депутат Кокойты Тарзан банысан кодта, Резойы фырт Алан йæ цард кæй снывонд кодта йæ адæм æмæ райгуырæн бæстæйæн.
"Цоциты Алан алкæмæндæр æххуыс кодта. Уый уыд тынг курдиатджын ахуыргæнæг, ахуыргонд æмæ тренер. Йæ хъомылгæнинæгтæ – спортсментæ, уыдысты алы æмвæзады чемпионтæ", - загъта Кокойты Тарзан.
Цоциты Алан уыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады бындурæвæрджытæй сæ иу, бахахх кодта уый.
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Цоциты Аланæн
Хуссар Ирыстоны æртыккаг президент Тыбылты Леонид тæфæрфæс ракодта Цоциты Аланы бинонтæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Цоциты Алан бирæ сарæзта, цæмæй абон мах цæрæм хæдбар республикæйы.
"Абон йын мах, хъыгагæн, дзурæм фæстаг хæрзбон. Уый у разагъд адæймаг, уыд нæ хæдбардзинады идеолог æмæ бундурæвæрджыты хсæн. Рухсаг у, Резойы фырт Алан. Бузныг дын цы сарæзтай, уый тыххæй, æмæ нын ныххатыр кæн", - загъта Тыбылты Леонид.
Сæ мысинæгтæ Цоциты Аланы тыххæй радзырдтой йæ хиуæттæ æмæ æмгæрттæ, кæцыты нымæцы уыдысты Дзиццойты Юрий, Коцты Константин, Бзарты Руслан.
Цоциты Аланы афæндараст кодтой зарæг "Мæ Иры фæсивæд"-ы зæлтæм.
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Цоциты Аланæн