Уæрæсейы ФÆС не 'руагъта теракт Ставропольейы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik. Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæ (ФÆС) æрурæдта Ставропольейы украинæйаг националистты цыппар фарслæууæджы административон объектыл теракт цæттæ кæныны тыххæй, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
"Иуварсгонд æрцыд гоймæгты архайд, кæцытæ нывæндысты сæххæст кæнын террористон акт Ставропольейы…Фыдгæнджытæ, кæцытæ сты украинæйаг националистон организациты фарслæуджытæ, нывæндысты сæххæст кæнын террористон акт регионы админстративон объектыл", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, зæгъгæ, Ставрополы крайы Предгорон районы фыдгæнджыты цæрыны бынаты басгæрсты рæстæджы ссардæуыд хæцæнгарз, цæттæ рæмудзæн æрмæджытæ, афтæ ма массон змæстытæ расидыны организацийы фæдыл методикон литературæ.