Гаглойты Алан раарфæ кодта статистикæйы органтæн сæ юбилейы цытæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik. Статистикæйы кусджытæ рацыдысты егъау фæндаг, æмæ алкæцы этапыл дæр æвдыстой сæ профессийы ахсджиагдзинад. Уый тыххæй дзырдæуы президент Гаглойты Аланы арфæйы статистикæйы органтæн, кæцытæ ацы аз нысан кæнынц сæдæазон юбилей.
"Хуссар Ирыстоны статистикæйы органтæ ацы аз нысан кæнынц сæдæазон юбилей æмæ нымад цæуынц республикæйы æххæстгæнæг къухдариуæгады бындурон цæрджытæ. Сымах рацыдыстут егъау фæндаг, æмæ алкæцы этапыл дæр æвдыстат уæ профессийы ахсджиагдзинад", - дзырдæуы арфæйы телы.
Гаглойты Алан бузныг загъта статистикæйы кусджытæн сæ хæстæ æнтыстджынæй æххæст кæныны тыххæй. Президенты цæст бауарзта ацы къабазы кусджытæн фидар æнæниздзинад, амонд æмæ дарддæры æнтыстытæ.