Хуссар Иры сæрмагонд нысаниуæджы батальоны кусджытæ рацыдысты "Разысгарæджы къахвæндаг"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы батальоны кусджытæ радтой нормативтæ "Разысгарæджы къахвæндаг" рацæуыны фæдыл, хъусын кæны хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
"Нормативтæ æххæст цæуынц хицæн къордты сконды. Сæйраг хъусдард здæхт цæуы минæтимæ фæзуæттæ æмæ инженерон цæлхдуртæ ацæуынæн", - дзырдæуы хъусинаджы.
Цæлхдурты фæндаг рацæуынмæ сæ хъус дарынц разысгарæн дæлхайады хистæр офицертæ.
Хуссар Иры сæрмагонд нысаниуæджы батальоны кусджытæн басгæрстой сæ фæразондзинад æмæ тых