ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Хъӕды хӕдзарад сифтонг кодта судзыны сугӕй республикӕйы ӕххуысхъуаг бинонтӕ ӕмӕ административон куыстуӕтты. Ацы нысанӕн 2022 азы хицӕн цӕуы 1,500 кубометры судзыны суг. Уый тыххӕй фехъусын кодта Хъӕды хӕдзарады хистӕр Чилӕхсаты Таймураз.
Хуссар Ирыстоны октябры райдыдта хъармгӕнӕн сезон.
"Ӕххуысхъуаг бинонтӕ ифтонг цӕуынц ӕппӕтадӕмон сырх дзуары комитеты миссийы уылты. Уыдонӕн рахицӕн ӕрцыд 500 кубометры. Иууылдӕр сты ифтонг, куыстытӕ ма цӕуы ӕрмӕст Ленингоры районы. Суджы дыууӕ ахӕм гуырахст та самал кӕнӕм республикӕйы административон бӕстыхӕйтты", - загъта Чилӕхсаты Таймураз.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, судзыны суджы гуырахст ивы ӕрвылаз.
"Къаддӕр кӕны административон бӕстыхӕйтты суджы гуырахст хъармгӕнӕн системӕтӕ кӕй ӕвӕрынц, уый фӕрцы", - бафтыдта уый.