ЦХИНВАЛ, 2 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны сфидар кодтой 2022 азы æртыккаг кварталы цæрыны минимумы бæрц, кæцы у 13 940 сомы (14 985 сомы та дыккаг кварталы).
Хицауады рабадт премьер-министр Джуссойты Константины къухдариуæгады бын ацыд æртыццæджы.
"2022 азы III кварталы цæрыны минимумы бæрц у 13 940 сомы, куыстхъом адæмæн – 14 904, пенсиисджытæн – 11 414, сывæллæттæн – 14 634 сомы", - загъта экономикæйы министр Тадтаты Дзамболат.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæррæггæнтæ авд проценты бæрц фæкъаддæр сты дыккаг кварталмæ абаргæйæ. Тадтаты Дзамболат бамбарын кодта, уый баст кæй у кæцыдæр продуктты аргъы сезонон фæкъаддæримæ, цæвиттонæн, халсартæ æмæ дыргътæ.