Мыггæгты таурæгътæ. Хæкъуынабы мæсыг

Sputnik
Куырттаты комы мидæг, Нæуы хохы бæрзондыл, цардис хан Хæкъуына. Райгуырди йын фырт, æмæ йыл ном сæвæрдтой Ханджери, зæгъгæ. Йæ мад амарди лæппуйæн, æмæ йæ фыд æндæр ус æрхаста. Ус чи у, уый Ханджериимæ нæ фидыдта.
Иу хатт куы уыди, уæд лæппу хъæдмæ рацыди, абырджытæ йæ æрцахстой æмæ йæ кæсгон æлдарæн бæхгæсæн ауæй кодтой. Быдыры астæумæ-иу ацыди бæхгæс, æмæ иу хатт куы уыди, уæд дын дзы бæхы сæр ссардта алыппы мыггагæй.
Базыдта йæ, уый тыххæй æмæ сæхимæ ахæм хорз бæхты мыггаг уыди. Æмæ уыцы бæхы сæрыл цалдæр боны фæкуыдта.
Арвы айдæнæй йæм иу ханы чызг кастис æмæ йæ фыдæн хабар радзырдта æмæ йын лæгъстæ кæнын байдыдта, бафæрс æй, зæгъгæ. Бадзырдта хан лæппумæ æмæ йæ фæрсын байдыдта, фæлæ йын лæппу нæ саст.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.