ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта юристтæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, сæ професси кæй у ахсджиаг æмæ йын кад кæнынц æхсæнады.
Гаглойты Алан бахахх кодта, юристы куыст кæй хъæуы алы къабазы дæр, кæцы домы æрмæст стыр профессионализм нæ, фæлæ ма характеры сæрмагонд миниуджытæ дæр: æнæхæрамдзинад, объективондзинад æмæ рæстдзинад.
"Уæ куыстимæ баст у нæ æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинæдты хъахъхъæнынад. Уый ахъаз у Республикæ Хуссар Ирыстоны райрæзтæн, цы ран иууылдæр хъуамæ æмбар уой законы раз", - дзырдæуы президенты арфæйы тексты, кæцы мыхуыргонд æрцыд йæ сайтыл.
Гаглойты Аланы цæст бауарзта юристтæн фидар æнæниздзинад, амонд æмæ сæ нысæнттæ иууылдæр сæххæст кæнын.