ЦХИНВАЛ, 3 ноя – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы секретарь Николай Патрушев фехъусын кодта, МАГАТЭ делегацийы балц Запорожаг АЭС-мæ кæй нæ æрурæдта атакæтæ атомон станцыл.
"Украинæйаг неонацистон æфсæдтæ дарддæр æхсынц нуыгуылæйнаг хæцæнгарзæй Запорожаг АЭС, уый та гæнæн ис æркæна глобалон катастрофæмæ", - загъта уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, МАГАТЭ-йы делегацийы балцы фæстæ æхсæнадæмон æхсæнад нæ бафхæрдта Киевы режим.
"МАГАТЭ минæвæрттæ сты Запорожаг АЭС-ыл, уынынц, чи æхсы æмæ кæцæй. Фæлæ ничи дзуры, украинæйаг æфсæдтæ кæй æхсынц атомон электростанц, ДИФ-ты та азымджын кæнынц Уæрæсейы", - бахахх кодта Николай Патрушев.