ЦХИНВАЛ, 4 ноя— Sputnik, Плиты Фатимæ. Экологон организаци "Аланты цъæх бæстæ" æмæ бырон рацарæзты фирма "Чистый мир" сцайдагь кодтой фыццаг иумæйаг проект – горæт Цхинвалы фыцццæгæм астæуккаг скъолайы кæрты æвæрд æрцыд фыццаг контейнер бырон сæртæй æвæрынæн.
"Нæ æмгуыстадæн ис хатдзæгтæ, фыццаг контейнер æвæрд æрцыд горæт Цхинвалы фыццаг скъолайы кæрты", - загъта экологон организацийы раздзог Габайты Зæлинæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон ма уыдон ауагътой фембæлд ахуыргæнæн уагдоны ахуырдзаутимæ экологийы фарстытыл.
"Мах ныхас кодтам экологийыл, цæмæн хъæуы аудгæ ахаст æрдзмæ æмæ æндæр фарстытыл. Бузныг зæгъын мæ фæнды скъолайы разамынад æмæ ахуыргæнджытæн ахуырдзаутæ тынг хорз кæй зонгæ сты проблемаимæ", - бафтыдта уый.
Габайты Зæлинæ ма бафтыдта, майрæмбоны ма уыдон бадзырдтой ауадзын иумæйаг æфснайæн зиу.
"Аланты цъæх бæстæ" æмæ "Чистый мир" сæххæст кодтой фыццаг иумæйаг проект
© Photo : Из личного архива З. Габаевой