Гаглойты Алан раарфæ кодта Владимир Путинæн Адæмон иудзинады боны фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта уæрæсейаг лидер Владимир Путинæн Адæмон иудзинады боны фæдыл, хъусын кæны майрæмбоны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

"Республикæ Хуссар Ирыстон адæм æмæ мæхи номæй арфæ кæнын Дæуæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмæн паддзахадон бæрæгбон – Адæмон иудзинады боны цытæн. Цыппар сæдæ азы размæ хъайтарон цаутæ ссисты бирæнацион уæрæсейаг адæмы иудзинады символ", - дзырдæуы арфæйы телы.

Гаглойты Алан бахах кодта, патриотикон тыхты иудзинады руаджы кæй фæуалихиз сты Хæццæ рæстæгыл, уый ссис Уæрæсейы сæндидзыны æмæ фидæны æнтыстыты бындур.
Адӕмон иудзинады бон у Уӕрӕсейы паддзахадон бӕрӕгбон. Уый сфидар кодтой 2005 азы Польшайы интервенцийӕ 1612 азы Мӕскуы ссӕрибар кӕныны цытӕн. Хӕдӕфсад Кузьма Минин ӕмӕ Дмитрий Пожарскийы сӕргълӕудӕй штурмӕй систа Китай-горӕт.
Хуссар Ирыстоны ацы датӕ бахастой бӕрӕгбонон бонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты паддзахадон къӕлиндармӕ, фӕлӕ улӕфт бон нӕу.