Хуссар Ирыстоны, æвæццæгæн, алы хæдзары дæр дуцынц сæн. Фæззæджы тыллæг æмбырд кæныны рæстæджы райдайы йæ иууыл цымыдисондæр фазæ. Сæнæфсир тонынц тымбыл бинонтæй, уый фæстæ йæ дуцынц æмæ йын йæ дон рауадзынц авгмæ, кæнæ боцкъамæ. Ног сæн хъуамæ æрбада æмæ Ног азы бæрæгбонтæм ᾿ввахсдæр сбæззы.
Куыд цæуы сæндуцыны куыст ирон хъæуы – кæсут Sputnik видеоалæвæрды.Куыд аразынц хæдзарон сæн Ирыстоны.