Хуссар Ирыстоны ХМ радтой "цъæх береттæ" сæрмагонд нысаниуæджы батальоны æфсæддонтæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъæнынады министрады (ХМ) сæрмагонд нысаниуæджы батальоны æфсæддонтæй квалификацион фæлтæрæнтæ чи сфæрæзта, уыдоны схорзæхджын кодтой "цъæх береттæй".

"Сæрмагонд хайады алкæмæй фидардæр æмæ хъæддыхдæр æфсæддонтæн раарфæ кодта хъахъхъæнынады министр Марат Павлов. Уæлахиздзаутæн йæ зæрдæ загъта дарддæры æнтыстытæ куысты," - дзырдæуы æфсæддон пресс-службæйы уагдоны хъусинаджы.

"Цъæх берет" дарыны бары фæдыл квалификацион фæлтæрæнты рæстæджы сбæрæг кодтой æфсæддонты моралон удыхъæд, алыхуызон вазыгджындзинады уавæрты ахуырадон-æфсæддон хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ физикон æмæ психологон цæттæдзинад, алыхуызон æхсыны хæцæнгарзæй архайын зонын, хихъахъхъæнын æмæ æнæ хæцæнгарзæй бабырсты хъуыддаджы фæлтæрддзинад.