Мыггæгты тох. Цхуырбатæ Мсхлебы куыд æрцардысты

Sputnik
Цхуырба кæддæр иу лæджы амардта, æмæ уый тыххæй куы ралыгъд, уæд æрбынат кодта Мсхлебы. Уыцы рæстæджы Мсхлебы царди дыууæ хæдзары: иу Икъотæй, иннæ та — Джергатæй, гъеныр Танделатæ кæм цæрынц, уым. Цхуырба бакаст æмæ Джергатыл баууæндыд, сæ хæдзары фарсыл сын кауын къул сбыдта æмæ уым бацард. Цхуырба уыдис стыр диссаджы цуанон. Уæд сырд арæх уыд, уымæн æмæ Мсхлеб æхгæд уыд хъæдæй. Æрмæст дзы уыдис гыццыл æрдузтæ. Цхуырба уыдис æнæус лæппу, тыхджын, бæзæрхыг лæг. Уый райдыдта æнæхæрд хъæд лæгуын кæнын, æмæ уый та хъыг каст Джергатæм, зæгъгæ, уый ам куы баззайа, уæд зæхх бацахсдзæнис.
Рацыди иу-дæс азы бæрц. Уалынмæ йæ йæ туджджынтæ базыдтой Джергаты æххуысæй æмæ æрцыдысты. Уыдон схызтысты фисынтыл æмæ ердойы былыл æрбадтысты æртæйæ æд хæцæнгæрзтæ.
Уæд Джергатæй иу бацыд Цхуырбамæ æмæ йæ æрбакодта кæрдзын хæрынмæ, цæмæй йæ амардтаиккой йæ туджджынтæ хæрды фæстæ. Цхуырба ницы зыдта ахæм хъуыддагæн. Бацыд Джергатæм, кæрдзынмæ бавнæлдта, систа йæ йæ дыууæ къухмæ æмæ кувы: "Хуыцау, мæ туджджынты хорзæх мын ратт, фидауынмæ цы ’рцæуæм, уыцы хорзæхдзинад йеддæмæ дæ ницы курын".
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.