Æртаг АИ-92: куыд фæивдзæн йæ аргъ Хуссар Иры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æртаг АИ-92 аргъ æрхаудзæн 11 ноябрæй, уый тыххæй пресс-конференцийы Sputnik радзырдта экономикон райрæзты министрады сæргълæууæг Тадтаты Дзамболат.
Майрæмбоны райсомæй ПУК "Югоосетнефтепродукт" реализаци кæндзæн æртаг АИ-92 46 сомæй цæрджытæн æмæ 48 сомы – паддзахадон органтæн.
Раздæр бензины аргъ уыд 50 сомы паддзахадон органтæн æмæ 48 сомы та цæрджытæн.