УФ райстой закъон СÆО архайæг бархионтæн ветеранты статус радтыны фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 ноя – Sputnik. Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг бархионтæн ратдзысты хæстон архæйдтыты ветераны статус. Æмбæлон закъон райстой Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы, уый тыххæй радзырдтой РИА Новости.
Закъоны проекты архайдмæ хауынц бархион æфсæддонты къордтæ, кæцытæ "æмархайд кæнынц УФ сæрмагонд æфсæддон операцийы Æфсæддон тыхтыл æвæрд хæслæвæдимæ".
Афтæ ма чи фæцæф, уыцы бархионтæн ратдзысты хæстон архæйдтыты инвалиды статус.
Закъоны проекты автортæй ралæууыдысты æппæт фракцитæй депутаттæ, сенаторты къорд, Федерацийы Советы спикер Валентина Матвиенко æмæ Паддзахадон думæйы спикер Вячеслав Володин.