УУМ сапертӕ сӕнӕзианхъом кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ Знауыры районы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады сапертӕ скуынæг кодтой ӕнӕспырхуӕвӕг рӕмудзӕн ӕрмӕг, кæцы ссардтой республикæйы Знауыры районы хъӕугæронмæ хӕстӕг.

"Æртыццæджы Знауыры районы Зиулеты хъæуы ссардæуыд танкæйы ныхмæ минæ ТМ-57(хæстон). Бынатмæ рацыдысты УУМ сапертæ", - радзырдтой уагдонады пресс-службæйы.

Куыд ма банысан кодтой уагдонады афтæмæй, рæмудзæн æрмæг ахастæуыд полигонмæ, цæмæй уым куынæггонд æрцæуа.