ЦХИНВАЛ, 14 ноя – Sputnik. Хусссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуырийы сбæрæг кодтой дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн хъыгдард баййæфтой дыууæ адæймаджы, уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Уымæй дарддæр ма ПАИ кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 324 фæткхæлды.
"Æхсæз хæдтулгæйы шофырыл арæзт æрцыд административон протоколтæ, расыгæй кæй скъæрдтой автотранспорт", - радзырдтой уагдоны.
Республикæйы территорийыл 7-14 ноябрмæ регистрацигонд æрцыдысты дыууæ фыдракæнды, сæ иу раргом кодтой мидхъуыддæгты министрады кусджытæй. Алыхуызон фæткхæлдты фæстиуæгæн дзуапп æрдомдтой цалдæр адæймагæй, уыдоны ᾿хсæн наркотикон буарадæй пайда кæнын æмæ æхсæнадон фæткæвæрд фехалыны тыххæй.