Цхинвалы пенсиисæджы хæдзарæй адавтой æрдæг милуан сомæй фылдæр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ агурынц гоймæгты, кæцытæ адавтой пенсиисæджы хæдзарæй 700 000 сомы. Уый тыххæй хъусын кæны барадхъахъхъæнæг органы пресс-службæ.

"Столицæйы мидхъуыддæгты хайады радгæсон хайадмæ куырдиатимæ бадзырдта зианбаййафæг сылгоймаг, Цхинвалы 78-аздзыд цæрæг. Уый фехъусын кодта, æбæрæг гоймæгтæ кæй бахызтысты йæ хæдзармæ æмæ адавтой æхцайы фæрæзтæ 700 000 сомы бæрц", - дзырдæуы хъусинаджы.

Цауы фæдыл бакондæуыд уголовон хъуыддаг. Ныртæккæ уагъд цæуынц оперативон-сгарæн мадзæлттæ, цæмæй сбæрæг кæной адавыны зæрдæхсайгæ гоймæгты.